3 Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»
Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый, Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй.
Рӕстуд цинӕй райдзӕни, Хуыцау ын ӕнӕхуыцӕуттӕй йӕ маст куыд райста, уый фенгӕйӕ, ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕнӕхуыцӕутты туджы ӕрӕхсдзӕн.
О Хуыцау, батӕригъӕд нын кӕн ӕмӕ нын арфӕ ракӕн. Дӕ рухс цӕстӕй нӕм ракӕс,
Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст, ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон.
О Дунедарӕг, нӕ Бардарӕг! Куыд кадджын у ӕгас зӕххыл Дӕ ном! Уӕлӕрвтӕй фӕуӕлдӕр ис Дӕ кад!
Царды бонтӕй йӕ бафсаддзынӕн, Мӕ ирвӕзындзинад ын раргом кӕндзынӕн».
Хӕтӕлтӕ ӕмӕ сыкъауадындзы цагъдимӕ цинӕй райут уӕ Паддзахы, Дунедарӕджы раз!
Базонут: Дунедарӕг у Хуыцау. Уый нӕ рафӕлдыста, Уый стӕм — Йӕ фысты дзуг, Йӕ адӕм.
Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!
Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»
Ӕмӕ Дунедарӕджы кад раргом уыдзӕн, ӕмӕ Йӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн! Дунедарӕг Йӕхӕдӕг загъта афтӕ».
Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау, ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.
Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.
Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг цӕгатварс кулдуарыл бакодта Кувӕндоны размӕ. Ӕз федтон, Дунедарӕджы кадӕй Кувӕндон йемыдзаг куыд баци, уый ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.
Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.
Дунедарӕг суыдзӕнис ӕгас зӕххы Паддзах, иунӕг Дунедарӕг, Йӕ ном дӕр уыдзӕнис иу.
Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй,
Байгом уын кӕнӕд уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ, цӕмӕй фенат, цы зӕрдӕдарӕнмӕ уӕм басидт, уый цавӕр у, куыд хъӕздыг сты, йӕ сыгъдӕджыты ӕмрӕнхъ уын хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы диссаджы бынтӕ,