Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 59:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 59:7
26 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ, искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.


Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.


Ӕдылыйы фӕндтӕ — тӕригъӕдджын, ӕдзӕсгомыл адӕм ӕлгъ кӕнынц.


хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххосты марӕг къухтӕ,


фыдвӕндтӕ цы зӕрдӕйы гуырынц, уый, фыдбылыз саразынмӕ згъорӕг къӕхтӕ,


Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.


Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау ӕнӕхуыцау ныхӕстӕ кӕны, фыдвӕндтӕ кӕны йӕхимидӕг, ӕнӕхуыцау сты йӕ митӕ, Дунедарӕджы тыххӕй тӕригъӕд дзуры, ӕххормагӕн комдзаг хӕлӕг кӕны, дойныйӕ мӕлӕгӕн — дон.


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг, уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд, фӕлитой ныхӕстӕ.


Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.


Алы бон дӕр мӕ цӕнгтӕ ивӕзтон, ӕнаккаг митӕ чи кодта ӕмӕ йӕхи фӕнд чи тардта, Мӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ.


Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ цӕуын алы адӕмты, алы ’взӕгтыл чи дзуры, уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. Ӕрцӕудзысты уыдон ӕмӕ Мын фендзысты Мӕ кад.


Гъемӕ фыр тӕссӕй ӕмризӕджы куыд ризат, афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр. Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн, ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат, дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Ме ’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл, кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Куыддӕр сахармӕ бацыдысты, афтӕ сӕ Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон ныццагътой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ цъайы ныппӕрстой.


Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!


мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы куы ’фхӕра, адӕмы куы стигъа ӕмӕ йӕм цъынды цы рардӕуыд, уый фӕстӕмӕ куынӕ дӕтта, гуымирытӕм куы кува ӕмӕ ӕлгъаг митӕ куы кӕна,


Израилы фӕтӕгтӕ дӕм бацыдысты ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн цас уыди, уый бӕрц туг ныккалдтой.


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.


Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.


Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan