2 О, фӕлӕ уӕ фыдракӕндтӕ ӕмдзӕхгӕр быруйау уырдыг слӕууыдысты сымах ӕмӕ уӕ Хуыцауы ’хсӕн. Йе ’ргом уӕ аздӕхта уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ уӕ нал хъусы!
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты, уый тыххӕй сыл Мӕ маст калдтон, цагътон сӕ ӕмӕ сӕ фыр мӕстӕй Мӕхи ӕмбӕхстон, фӕлӕ уӕддӕр кодтой, сӕхи цы фӕндыди, уый.
О, ком даргӕйӕ, хыл ӕмӕ хъаугъа самайут ӕмӕ тымбыл къухӕй нӕмут уе ’ххуырстыты. Ӕмӕ уын афтӕмӕй куыд хъуамӕ фехъусон уӕ ком дарыны куывдтытӕ?
Уӕ фыдракӕндты тыххӕй сымахӕй ӕппӕт уыдӕттӕ байстӕуыд, уӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕнӕхай фестут фарнӕй.
Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».
Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.
Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.
Адӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕртӕ загътой: «Дунедарӕг нӕ абон филистимӕгты къухӕй цӕмӕн ныддӕрӕн кодта? Цӕй ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын рахӕссӕм Силомӕй, цӕмӕй Уый немӕ уа ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕна не знӕгтӕй».