Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 59:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 59:10
16 Iomraidhean Croise  

Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы, бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау, куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.


ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.


Дунедарӕджы ныхас сын сси дзӕгъӕл дзӕнгӕда, иугӕндзон дыгъал-дыгъул, ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндагыл цӕудзысты ӕмӕ уӕлгоммӕ ахаудзысты; уӕнгсаст фӕуыдзысты ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.


Уый уыдзӕни уаз — Израилы дыууӕ паддзахады кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур ӕмӕ уыцы къӕдзӕх, Йерусалимы цӕрджытӕн — къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз.


Ӕмӕ бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.


Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.


Куы мӕ ныппӕрста талынгмӕ ӕнусмӕ, цыма ингӕны дӕн мардау!


Куырмытау ныр куы хъеллау кӕнынц уынгты, сӕхи фӕчъизи кодтой тугӕй! Сӕ дарӕсыл сын ничи уӕнды андзӕвын.


Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.


Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты.


Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.


«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».


Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.


Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый та талынджы ис, йӕ фӕндаг талынг у, ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan