Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 57:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Мӕнгхуыцау Молохӕн снывонд кодтай сӕрдӕн сой, сарӕзтай йын бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Мӕрдтыбӕсты онг абалц кӕнын кодтай дӕ минӕвӕртты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 57:9
12 Iomraidhean Croise  

бапырх ӕй кодтон миррӕ, алой ӕмӕ корицӕйӕ.


Ӕрзоныг кодтой, фегад сты — Ды сын нӕ ныббардзынӕ.


Хӕтаг сылтӕн лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц, ды та дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ де ’ппӕт хӕзгултӕн, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй балхӕдтай, цӕмӕй дӕм алырдыгӕй цӕуой ӕмӕ демӕ ӕнӕуаг митӕ кӕной.


Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ сӕ бауарзта мондаджы уарзтӕй ӕмӕ сӕм минӕвӕрттӕ арвыста Халдейы зӕхмӕ.


Ноджы ма-иу минӕвӕрттӕ арвыстой ӕцӕгӕлон нӕлгоймӕгтӕм, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой дардӕй; се ’рбацыдмӕ-иу ды цӕхсадтай дӕхи, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ ӕмӕ-иу дӕхи сфӕлыстай фӕлындӕнтӕй.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ.


Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.


Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan