3 Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.
Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.
Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.
Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.
Уӕ Израил! Бӕрзонд хохыл сарӕзтай де ’нӕуаг кувӕн бынат ӕмӕ йыл хӕссыс нывӕндтӕ.
Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.
Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.
Йе ’нӕуромгӕ хъахбай митӕй фӕчъизи кодта зӕхх, дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстимӕ хъахбай митӕ кодта.
Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».
Йӕ цотӕн дӕр хатыр нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ хъахбайы цот сты.
Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы.
Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нал фендзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Тӕрхон ӕмӕ зындонӕй куыд фервӕзынмӕ хъавут?
Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй саргъауынмӕ бирӕтӕ кӕй цӕуынц, Иоанн уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?
Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?
Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.
Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.