Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 57:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Бирӕтӕ федтай ӕмӕ-иу бастадтӕ, фӕлӕ никуы загътай, мӕ ныфс асасти, зӕгъгӕ. Бирӕ ма дын ӕнтыст ӕмӕ дӕ хъару нӕ сӕфти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 57:10
12 Iomraidhean Croise  

Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.


Фӕлӕ дын уыдон зӕгъдзысты: „Ӕдылы ныхӕстӕ! Цыдӕриддӕр нӕ фӕнды, уыдӕттӕ кӕндзыстӕм, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрдзыстӕм“.


Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн».


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Алчи йе ’мбалы сайы ӕмӕ йын раст ныхас нӕ дзуры. Се ’взӕгтӕ ахуыр сты мӕнгдзинадыл.


Ӕнӕпайда фыдӕбон! Не ссӕудзӕни йӕ чъизи, суанг арты бон дӕр ын ницы бауыдзӕн!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг рагацау снысан кодта: адӕмты фӕллӕйттӕ арты басудздзысты, сӕ хъиамӕт ӕнӕпайда фӕуыдзӕн.


Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan