Исайа 53:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым. Faic an caibideil |
Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.