Исайа 53:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3 Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам. Faic an caibideil |
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».