Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 53:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 53:12
38 Iomraidhean Croise  

Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».


Хъизӕмарӕй мӕлын, саубон мыл акодта.


Кур, ӕмӕ дын адӕмты дӕ къухмӕ ратдзынӕн, арвы кӕрӕттӕм зӕхх дӕ бар бакӕндзынӕн.


„Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“


Ӕз та ӕнхъӕлдтон, дзӕгъӕлы тухӕнӕй марын мӕхи, мӕ хъарутӕ ӕнӕхъуаджы хардз кӕнын. Фӕлӕ мӕ Дунедарӕг сраст кӕндзӕни, хорз мын ракӕндзӕни мӕ Хуыцау.


Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъар суыдзӕни куырыхон хъуыддӕгтӕ аразӕг. Скадджын уыдзӕн, схиздзӕн уӕлӕмӕ, сбӕрзонд уыдзӕн.


Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?


Ды уый тыххӕй федтай, хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур куыд фӕхицӕн ис ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин куыд базгъӕлӕнтӕ сты, уый. Гъе, афтӕ стыр Хуыцау паддзахӕн базонын кодта фидӕны цаутӕ. Фыны цыдӕриддӕр федтай, уыдон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ дын дӕ фын раст кӕй райхӕлдтон, ууыл гуырысхо ма кӕн».


Ногӕй та фӕхибар кодта Йӕхи ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ бануазгӕ нӕй, уӕд, Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.


[Афтӕ сӕххӕст ис, Сыгъдӕг Фысты цы загъдӕуыди, уый: «Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд».]


Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни».


змӕст ӕмӕ тугныккалды азымимӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой ӕмӕ йӕм адӕм кӕй тыххӕй ныххатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та сын сӕ бар бакодта.


цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.


Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.


Хицӕуттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарылтыгъдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕгад сты ӕппӕт дунейы раз.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.


Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.


Фыссын уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ уын хатыргонд сты уӕ тӕригъӕдтӕ Йесойы руаджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan