Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 51:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты, рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры, къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 51:8
12 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау, рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.


Цы загъдӕуа уӕд, сӕ бындур зӕххы рыг кӕмӕн у, ӕлыгӕй конд хӕдзӕртты чи цӕры, рӕмпӕгӕй ӕнцондӕр ӕртъӕппгӕнӕн кӕй ис!


Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.


Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.


уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.


Дунедарӕг Хуыцау — ме ’ххуысгӕнӕг. Чи мӕ рафаудзӕн? Се ’ппӕт дӕр алӕбырдзысты уӕлӕдарӕсау, рӕмпӕг сӕ бахӕрдзӕн.


Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.


Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон, зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр, нал дӕм смӕсты уыдзынӕн ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.


Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».


Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.


Ӕз рӕмпӕг фестдзынӕн Ефремӕн, Иудӕйӕн йӕ хъӕдгӕмтты цъӕй миздзӕн.


Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan