Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 51:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 51:3
36 Iomraidhean Croise  

Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.


О Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Уымӕн ӕмӕ, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдон никӕмӕн бантысдзысты!


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»


асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых, гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн. Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр, тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ.


Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн, уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл, стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».


Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.


Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.


Дӕ хӕлддзӕгтӕ, дӕ заууаты зӕхх ныр фӕкъуындӕг уыдзысты уыдонӕн, дӕ гӕныстонгӕнджытӕн та дӕ арӕнтыл сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ, Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ! Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, ссӕрибар кодта Йерусалим.


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ, ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл. Ӕз аразын цины сахар Йерусалим, йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын рухс амондӕй.


Фӕллад адӕмӕн бадардзынӕн дон, бафсаддзынӕн фӕлмӕцыдты».


Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ. Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст: лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй, стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй. Уыдысты се ’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд ӕмӕ дӕ уӕлӕ ’фтыд; цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


уӕд уыдон зӕгъдзысты: „Ацы гӕныстон зӕхх Едемы дыргъдон фестади; хӕлд, гӕныстон ӕмӕ пырх сахартӕ дӕр ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ адӕмӕй байдзаг сты“.


Сӕ развӕндагыл бӕстӕ артау судздзӕнис, сӕ фӕстӕ арты ’взӕгтӕ алцы ныхъуырдзысты. Сӕ разӕй зӕхх — Едемы дыргъдон, сӕ фӕстӕ та — ӕдзӕрӕг быдыр. Ничи аирвӕздзӕн уыдонӕй.


Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan