Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 51:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ! Аврааммӕ куы басидтӕн, уӕд ӕнӕбындар уыд, фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон, ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 51:2
23 Iomraidhean Croise  

уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр.


Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Авраамы Ирвӕзынгӕнӕг, Йаковы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй зӕгъы: «Уӕд Израил къӕмдзӕстыг нал уыдзӕн, йӕ цӕсгомы хуыз нал фӕлидздзӕн.


«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!


Уӕ фыдӕл Йаков дӕр ракодта тӕригъӕд, уӕ раздзӕуджытӕ рацыдысты Мӕ ныхмӕ.


Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы ном чи хӕссы ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон! Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы, фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион, не стут рӕстгӕнӕг.


Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».


Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».


«Адӕймаджы фырт! Израилы хӕлддзӕгты чи цӕры, уыдон дзурынц: „Авраам, иу лӕг уӕвгӕйӕ, ацы зӕхх исбонӕн райста, мах та бирӕ стӕм ӕмӕ ацы зӕхх махӕн лӕвӕрд у“.


Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, сымах арвы стъалытау ӕнӕнымӕц скодта.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Фӕлӕ уын Ӕз уӕ фыдӕл Авраамы ӕрбакодтон доны фалейӕ, фенын ын кодтон Ханааны зӕхх иууылдӕр ӕмӕ йын йӕ байзӕддаджы сбирӕ кодтон. Радтон ын фырт — Исаакы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan