Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 50:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 50:2
46 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».


Езекиа уӕ ма асайӕд, уӕ фӕндаг уын ма ныссуйтӕ кӕнӕд, ма йыл ӕууӕндут! Иу адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу паддзахады дӕр ахӕм хуыцау никуы уыди, йӕ адӕмы мӕнӕй кӕнӕ мӕ фыдӕлты къухӕй чи фервӕзын кӕна! Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Уымӕн ӕмӕ Уый дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны, хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.


Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.


Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис.


Нилы кӕсӕгтӕ ныммӕлдзысты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг уыдзӕн, ӕмӕ мысырӕгтӕн нуазынӕн нал бӕздзӕни“».


Нилы кӕсӕгтӕ ныххӕдмӕл сты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг ис, ӕмӕ дзы мысырӕгтӕ нуазын нал фӕрӕзтой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕци.


Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат, мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.


Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн, Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр, ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн, ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн, цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты.


Денджызы дон стӕнӕг уыдзӕни, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, бахуыскъ уыдзысты.


Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.


Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уӕдӕ Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?»


Афтӕмӕй Ӕз адӕмтыл афӕлгӕсыдтӕн, ӕмӕ се ’хсӕн иу хуыцау дӕр нӕ разынд, зондӕй кӕй бафӕрсой, ахӕм. Никӕй сӕм федтон, кӕй бафӕрсон, ахӕм хуыцау.


Сафтид кӕндзынӕн хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, сӕ зайӕгхал сын бахус кӕндзынӕн, байсысын кӕндзынӕн цӕугӕдӕттӕ, басур кӕндзынӕн цадтӕ.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз Мӕ адӕмӕн денджызы бынты, бӕрзонд уылӕнты ’хсӕнты, кӕддӕр айгӕрстон фӕндаг.


Ӕнӕбын денджызӕн зӕгъын: „Басур у, дӕ уылӕнтӕ дын байсысын кӕндзынӕн“.


Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.


Ды уыдтӕ, удхайраг чи фӕвӕййы, ахӕм уагъд усы хуызӕн. Фӕлӕ дӕм ныр фӕстӕмӕ сиды Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ зӕгъы: «Фыццаг уарзоныл чи бахъоды кӕндзӕн?


Дунедарӕджы къух нӕ фӕцыбыр — ис Ӕм сымах фервӕзын кӕныны хъомыс. Уӕдӕ уӕзхъус дӕр нӕ нӕу — ӕххуысагур Ӕм куы скувиккат, уӕд уӕ ӕнӕмӕнг фехъусид.


Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.


Денджызы бынты акодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ сӕ къах дӕр никуы скъуырдтой, раст цыма бӕх тыгъд быдыры фӕцӕйцыд, уый хуызӕн.


Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.


Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».


Гъемӕ фыр тӕссӕй ӕмризӕджы куыд ризат, афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр. Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн, ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат, дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Ме ’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл, кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».


Рохст лӕджы, фервӕзын кӕнын нӕ йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм хӕстоны хуызӕн цӕмӕн сдӕ? О Дунедарӕг, не ’хсӕн куы цӕрыс, Дӕ ном ныл куы сӕвӕрдӕуыд! О, ма нӕ ныууадз, курӕм!


Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстытӕ: абон онг йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕн нӕ нуазынц. Сымах та Мӕм, кӕд ӕмӕ уын ӕрвылбон дзырдтон, уӕддӕр нӕ хъуыстат.


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!


Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,


Ӕппӕт уыдӕттӕ сын куы дзурай, уӕд дӕм нӕ байхъусдзысты, сиддзынӕ сӕм, фӕлӕ дын дзуапп нӕ ратдзысты.


Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры.


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Уӕдӕ ныр ӕз ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн фӕдзӕхсын: Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцауы ныхмӕ чи сдзура, уый уӕнггай скӕнын кӕндзынӕн, йӕ хӕдзар та дӕрӕнгонд ӕрцӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы хуызӕн иу хуыцау дӕр никӕй фервӕзын кӕндзӕн!»


Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?»


Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт».


Цас фылдӕр сидтӕн израилӕгтӕм, уыйас мӕ сӕхи дарддӕр ластой, нывӕндтӕ хастой Баалтӕн ӕмӕ буд сыгътой гуымирытӕн.


Се ’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се ’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны.


Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ маст цӕугӕдӕттӕм ссыгъди? Ӕви Дын денджызмӕ рафыхти? Дугъы куы уайыс Дӕ бӕхтыл, уӕлахизгӕнӕг тохуӕрдӕттыл!


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!»


Йесо сыстади, уад басабыр кодта ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ӕрӕнцай, ныссабыр у!» Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.


Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan