9 Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта: «Сӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ ныззаууат уыдзысты, сӕ рӕсугъд галуантӕ дзӕгъӕлӕй баззайдзысты.
Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.
Ӕрцӕрдзӕни гӕныстон сахарты, ӕркӕлынӕввонг ӕдзӕрӕг хӕдзӕртты.
цы нӕ аныхъуырдта, ахӕмӕй йын ницыуал баззад, ӕмӕ йӕ цардамонд уымӕн у тӕссонд.
Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: «Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр». Афтӕ загъта Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.
Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».
Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.
Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.
Дунедарӕг бардзырд ратдзӕн, ӕмӕ галуантӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты, хӕдзӕрттӕ ныккӕлдзысты.
Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.
Ныр уӕ хӕдзар ӕнӕхицау ӕмӕ афтидӕй зайы.
Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.