3 «Уӕ Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ! Цы зӕгъдзыстут Мӕ сӕндонӕй?
Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.
Цы кӕнгӕ йын уыд, ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон? Ӕз хорз цупӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн, уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.
Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ».