Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 5:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 5:25
60 Iomraidhean Croise  

Йоровамы адӕмӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты“. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Баасайы мыггагӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты».


Ахавы адӕмӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон дӕр куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты“».


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сӕ Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаелы къухмӕ радта, фӕстӕдӕр та сыл Хазаелы фырт Бен-Хадады ӕфсондз сӕвӕрдта.


Хуымы фаджысау суыдзӕн йӕ мард Изреелы быдыры, ӕмӕ ничиуал зӕгъдзӕн, уый Иезавел у, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Хуыцау куы смӕсты уа — нӕй Йын бауромӕн, Рахавы лӕггадгӕнджытӕ Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


уӕд сын Хуыцау сӕгад кӕны сӕ фӕтӕгты, ӕдзӕрӕг ранмӕ сӕ акӕны, ӕмӕ уым фӕдзӕгъӕл вӕййынц.


О мӕ уд, дӕхимӕ ӕрцу ӕмӕ ӕрсабыр у — Дунедарӕг дӕ схайджын кодта Йӕ хорзӕхӕй!


Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.


Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.


Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.


О Хуыцау, нӕ сӕрылхӕцӕг! Дӕ аудӕг цӕстӕй ӕркӕс Дӕ байсӕрст паддзахмӕ!


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Зӕгъ Ааронӕн, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй февзида Мысыры дӕттӕм — цӕугӕдӕттӕм, Нилы къабӕзтӕм, цадтӕм, донуӕттӕм, — ӕмӕ туг фестой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕуыдзӕн, туг уыдзӕни суанг хъӕдын ӕмӕ дурын мигӕнӕнты дӕр».


Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.


Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.


Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.


Йӕ къухтӕ ма ленкгӕнӕгау цасфӕнды тилӕд — Хуыцау ӕй уӕддӕр ӕрныллӕг кӕндзӕн — цыфӕнды тылд кӕнӕд йӕ къухтӕ.


Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!


Уӕд уыл Йӕ маст акалдта, ӕвирхъау хӕсты амӕттаг уӕ бакодта. Йӕ судзгӕ-уыраугӕ арт уыл алырдыгӕй ӕртыхсти, ӕмӕ йӕ нӕ фиппайдтат, арыдта уӕ, ӕмӕ йӕ нӕ хатыдыстут.


Дӕ цот рафтыдысты, тигътыл ныффӕлдӕхтысты ӕмӕ удхар кӕнынц, сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар, Хуыцауы фыдӕх.


Ӕнӕнхъӕлӕджы тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ куы арӕзтай ӕмӕ-иу уӕларвӕй куы ’рхызтӕ, уӕд-иу ӕмризӕджы ныррызтызты хӕхтӕ.


Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.


Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:


Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:


Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Дӕхи аххосӕй, цы зӕххы хай дын радтон, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕйы дӕ Ӕз де знӕгтӕн цагъайраг скӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕнусмӕ дӕр нӕ ахуысдзӕн».


Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.


Уӕдӕ уӕ уӕлӕ скӕнут сӕхъис, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы азарӕй нӕ фервӕздзыстут!


Сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ быдыртӕ ӕмӕ сӕ устытӕ ӕцӕгӕлӕтты хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххы цӕрджыты ныхмӕ Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн».


Ау, бынтон нӕ аппӕрстай Дӕхицӕй? Дӕ мастӕн нӕй кӕрон?


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн сӕнӕфсир бӕласы зӕнг арты куыд басыгътон, афтӕ Йерусалимы цӕрджыты дӕр арты басудздзынӕн.


Вавилоны паддзахы цӕнгтӕ стыхджын кӕндзынӕн, фараонӕн та йе уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты. Мӕ кард Вавилоны паддзахы къухы куы бакӕнон, Мысырыл ныхмӕ йӕ сисыны тыххӕй, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


О Бардарӕг! Дӕ рӕстады сӕраппонд Дӕ маст аздах Дӕ сахар Йерусалимӕй, Дӕ уаз хохӕй! Нӕ тӕригъӕдты ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндты аххосӕй Йерусалим ӕмӕ Дӕ адӕм хынджылӕггаг систы сӕ алыварс цӕрджытӕн!


Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».


Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.


Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.


Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.


ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.


Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Ӕз та сӕ уӕд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Ме ’ргом аздахдзынӕн.


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan