23 Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.
Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.
Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».
Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.
Ӕнӕхуыцау фӕччийы бынӕй гӕртӕмттӕ исы, цӕмӕй раст тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕна.
Аххосджынӕн, раст дӕ, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый адӕмтӕ ’лгъитдзысты, знӕмтӕн ӕнӕуынон суыдзӕнис.
Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.
Додой сӕ къона, галиу ӕгъдӕуттӕ чи сфидар кӕны, фыдбылызы уынаффӕтӕ чи хӕссы,
цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.
Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.
стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы чи базылын кӕны, тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы раст дзурын чи нӕ фӕуадзы ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.
Фӕлитой адӕймаг фыдбылыз аразӕг у, тӕрхоны раз йӕ налат ӕвзаг суадзы ӕмӕ мӕгуыр лӕджы бабын кӕны рӕстӕй.
Рӕстдзинад нал ис, фыдракӕндӕй йӕхи чи хизы, уый та искӕй амӕттаг свӕййы. Дунедарӕг федта, раст тӕрхон кӕй нал ис, уый, ӕмӕ Йын ӕхсызгон нӕ уыди.
Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.
Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.
Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.
Сымах рӕстгӕнджытӕн тӕрхон куы хастат ӕмӕ сӕ куы мардтат, уӕд уын уыдон та ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой.