Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 5:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 5:22
14 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ сихорафон рацыдысты сахарӕй, разӕй бӕстыхицӕутты хотыхдартӕ, афтӕмӕй. Ныр Бен-Хадад та йӕ асадӕны йӕ дӕлбартимӕ, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахимӕ, сӕ тӕккӕ цӕл-минасыл уыдысты, тынг барасыг сты. Бен-Хадад арвыста сгарджытӕ, ӕмӕ йын фехъусын кодтой, Самарийӕ адӕм рацӕуынц, зӕгъгӕ.


Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты.


Сӕн — хынджылӕггӕнаг, арахъхъ — нӕрӕмон, чи сыл фӕцалх ис, уый ӕдылы у.


Кӕмӕн хъуысынц сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын? Загъд ӕмӕ судзаг хъаст чи кӕны? Кӕмӕн сцъӕхтӕ ис йӕ буар? Йӕ цӕстытӕ кӕмӕн ныссырх сты?


Лемуел, паддзӕхтыл нӕ фидауы сӕн нуазын, уӕздӕттыл — махсымӕйы фӕдыл зилын,


цӕмӕй, куы барасыг уой, уӕд ма ферох кӕной Хуыцауы ’гъдау ӕмӕ мӕгуыр адӕмы раст тӕрхонӕй ӕнӕхай ма фӕкӕной.


Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


цины зарджытимӕ сӕн нал нуазынц адӕм, мастад кӕны хъӕбӕр нозт дзыхы.


Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.


Додой сӕ къона, сӕумӕйӕ нозты фӕдыл чи зилы, фӕсахсӕвӕрты дӕр ӕнӕ сӕн чи нӕ лӕууы!


Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!»


Додой дӕ къона, йӕ хионӕн Дунедарӕджы масты кӕхцӕй чи нуазын кӕны, цалынмӕ дзы срасыг уа, уӕдмӕ, цӕмӕй йын уый фӕстӕ йӕ худинаг фена!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan