Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 йӕ мӕрмӕ йын базылд, дзӕбӕх ӕй схӕмпус кодта, йӕ дуртӕ йын ӕруыгъта, ӕвзаргӕ сӕнӕфсиры талатӕ дзы ныссагъта. Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, сӕндуцӕн дӕр скъахта. Хӕрзад гагатӕм ӕнхъӕлмӕ касти, фӕлӕ йӕ сӕнӕфсир хъӕддаг разынди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 5:2
31 Iomraidhean Croise  

Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, бынат скӕндзынӕн, уым сӕ ӕрбындурон кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты; ӕнаккӕгтӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау,


Уыцы бонты ӕз федтон: сабаты Иудейы сӕн дыгътой, куыристӕ ластой ӕмӕ хӕрджытыл сӕн, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ ӕндӕр уӕргътӕ ӕвӕрдтой. Сабаты ӕппӕт уыдӕттӕ Йерусалиммӕ ластой. Тӕккӕ уыцы бон сын ӕз карзӕй загътон, цӕмӕй сабаты мацы уӕй кӕной.


Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.


Мӕ адӕм, ӕрбайхъусут-ма ногӕй Мӕ фӕдзӕхстмӕ! О Израил, куы Мӕм байхъусис!


Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм цӕмӕй базондзыстӕм, ӕхцон Дын стӕм, уый? Ӕрмӕстдӕр, немӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй нын равдисдзынӕ, зӕххы цъарыл нӕ иннӕ адӕмтӕй хъулон кӕй кӕныс, уый».


Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау, цӕхӕрадоны мусонгау, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау.


Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.


Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой».


Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!


Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.


Дӕумӕ та, Мигдал-Эдер, Сионы чызджы хох, дӕ хицауы бартӕ раздӕхдзысты, Йерусалимы чызгмӕ раздӕхдзӕни йӕ паддзахдзинад.


Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.


Фӕндаггӕрон федта иу легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыд. Сыфтӕртӕ йеддӕмӕ йыл куы ницы ссардта, уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл дыргъ мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуи бӕлас уайтагъд бахус ис.


Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Бирӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, иу ахӕм лӕг сӕндон скодта, йӕ алыварс ын ӕмбонд сарӕзта, сӕндуцӕн дзы скъахта, мӕсыг дзы самадта, стӕй йӕ бакодта ӕххуырст кусджыты бар ӕмӕ йӕхӕдӕг балцы ацыди.


Сӕнӕфсир тоныны афон куы ӕрхӕстӕг ис, уӕд йӕ цагъарты йӕ тыллӕг райсынмӕ ӕххуырст кусджытӕм арвыста.


Дардӕй ауыдта, сыфтӕр чи рафтыдта, ахӕм легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыди, кӕд ыл исты уаид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕм куы бахӕстӕг ис, уӕд ыл сыфтӕртӕ йеддӕмӕ ницы ссардта, уымӕн ӕмӕ йын дыргъафон нӕма уыд.


Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди.


Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ цагъары арвыста — сӕндонӕй йӕ тыллӕг райсынмӕ.


Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.


Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?


Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?


Уый фӕстӕ иу сылгоймаджы бауарзта. Уый царди Соречы дӕлвӕзы, йӕ ном хуынди Далилӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan