18 Додой сӕ къона, фӕлывды бӕндӕнтӕй йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ уӕрдонау йӕ фӕдыл чи ласы, уыдонӕн.
О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын?
уыдон рӕхджы бахус уыдзысты кӕрдӕгау, баруайдзысты зайӕгхалау.
Фыдракӕндтӕй сӕхи бафсадынц дзулау, ӕмӕ тыхмитӕ сӕнау нуазынц.
Сымах уӕхицӕй дзурут, мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм, мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн, мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы.
Хӕтаг адӕмӕй байдзаг ис зӕхх, богъ-богъӕй кӕуы ӕлгъыст зӕхх! Ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ басыгъдысты. Адӕм фыдракӕндтӕм тырнынц, галиу хъуыддӕгты фӕрцы стыхджын сты;
Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».
Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕмӕ-иу куыддӕр Йехуди чиныгӕй ӕртӕ-цыппар цӕджындзы бакаст, афтӕ-иу сӕ паддзах нымӕрдары кардӕй фӕлыг кодта ӕмӕ-иу сӕ къонайы арты баппӕрста, цалынмӕ тухгӕ чиныг иууылдӕр арты басыгъди, уӕдмӕ.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,
Уыцы бон Ӕз Йерусалимыл цырагъимӕ ӕрзилдзынӕн ӕмӕ бафхӕрдзынӕн, йе ’нхъизӕныл цы сӕн ныббадти, уыйау цы адӕмтӕ бандзыг сты, уыдоны, сӕ мидзӕрдӕйы афтӕ чи зӕгъы: «Дунедарӕг нын хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ракӕндзӕн».
Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.
Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.
Миха дзырдта: «Ныр ӕз фидарӕй ӕууӕндын, Дунедарӕг мыл кӕй ауды, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары левит у сауджын».
Афтӕ Михамӕ фӕзынди йӕхи кувӕндон. Ефод ӕмӕ хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ дӕр сарӕзта, сауджынӕй та сӕвӕрдта йӕ фырты.