Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 5:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 5:16
34 Iomraidhean Croise  

Дӕу сты, Дунедарӕг, стырад ӕмӕ хъомыс, кад, уӕлахиз ӕмӕ цыт. Арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дӕу сты. О Дунедарӕг, паддзахад Дӕу у, Ды дӕ йӕ Хицау ӕмӕ Дӕуӕй уӕлдӕр ницы ис.


Галты рӕгъау ӕртыхсти мӕ алыварс, Башаны хӕрзхаст галтӕ мыл ӕрхъула кодтой.


Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.


Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Уыцы бон зӕгъдзыстут сымах: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, арут Ын Йӕ ном! Йӕ хъуыддӕгтӕ Йын хъусын кӕнут адӕмтӕн, Йе стыр ном Ын стаут.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд,


Ӕрзоныг кодтой, фегад сты — Ды сын нӕ ныббардзынӕ.


Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.


Сӕ цоты се ’хсӕн куы феной — Ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хъуыддаг — уӕд Мӕ уаз номӕн скад кӕндзысты, нымайдзысты Йаковы уаз Хуыцауы, аргъуыц кӕндзысты Израилы Хуыцауы раз.


Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!


Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр Ӕз растдзынӕн, слӕудзынӕн ӕмӕ Ме ’ппӕт хъомыс раргом кӕндзынӕн.


Цытджын у Хуыцау, уӕлӕрвты цӕрӕг! Сионы хохыл ӕрфидар кӕндзӕн Йӕ раст тӕрхон.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз уарзын рӕстдзинад, ӕнӕуынон Мын сты тыхгӕнджытӕ, стигъджытӕ. Мӕ адӕмыл уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзынӕн. Семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.


Кад кӕнут Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, Уымӕй тӕрсут, Уымӕй стъӕлфут!


Хӕрздӕф будау Мын суыдзыстут ӕхцон, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд; афтӕ Ӕз ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый.


Зӕгъ ын Мӕ номӕй: „Мӕхи дыл ныххуырсдзынӕн, Сидон, ӕмӕ дӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Мӕ тӕрхоны амӕттаг уӕ куы бакӕнон ӕмӕ уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы адӕм цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу сты, уырдыгӕй сӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд сын уыцы адӕмты раз раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном, ӕмӕ ногӕй ӕрцӕрдзысты, кӕддӕр Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, ууыл.


Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.


Бирӕ адӕмты раз сын равдисдзынӕн Ме стырад ӕмӕ Мӕ уаз ном, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.


Ацы дон — Мерива. Уым израилӕгтӕ Дунедарӕгимӕ схъаугъа сты, ӕмӕ сын, уаз кӕй у, уый равдыста.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз сыгъдӕг дӕн».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.


Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн — уӕ Бардарӕгӕн. Уӕ ныфсы бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.


Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый:


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan