Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 5:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 5:14
26 Iomraidhean Croise  

Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.


удӕгасӕй сӕ аныхъуырӕм мӕрдтыбӕстау, ӕд хъуын, ӕд хъис сӕ фӕдӕле кӕнӕм, ингӕнмӕ чи ныххауы, уыдонау;


Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ зындон ӕнӕфсис сты, адӕймаджы цӕстытӕ дӕр афтӕ.


мӕрдтыбӕстӕ, ӕнӕзӕнӕг гуыбын, донӕй бафсис кӕмӕн нӕй, уыцы зӕхх ӕмӕ арт, уый никуы зӕгъдзӕн: «Ӕгъгъӕд!»


Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.


Мӕрдтыбӕстӕ базмӕлыд, ӕнхъӕлмӕ кӕсы де ’рбацыдмӕ — уый райхъал кодта мӕрдты, зӕххон фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр. Муртаттаг паддзӕхты растын кодта сӕ паддзахы бадӕнтӕй.


Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.


Далаты цины хъӕр нал хъуысы, цингӕнӕг адӕмы хъӕлӕс бамыр ис, бамынӕг дыууадӕстӕнонты цагъд;


Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.


Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Хъӕздыгдзинадыл нӕй зӕрдӕ дарӕн, кӕрӕф адӕймаг ӕнцой нӕ зоны; мӕрдтыбӕстау ныххӕлиу кӕны йӕ ком, бафсис ын нӕй мӕлӕтау. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты бакӕны йӕ дӕлбар.


Бахизут нарӕг кулдуарыл, уымӕн ӕмӕ фӕтӕн кулдуар ӕмӕ сӕфты уӕрӕх фӕндагыл бирӕ цӕуджытӕ ис.


Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan