3 Загъта мын: «Ды Мӕ цагъар дӕ, Израил, дӕ фӕрцы скадджын кӕндзынӕн Мӕхи».
«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!
Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.
Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».
Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.
Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ? Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны, уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!
Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъар суыдзӕни куырыхон хъуыддӕгтӕ аразӕг. Скадджын уыдзӕн, схиздзӕн уӕлӕмӕ, сбӕрзонд уыдзӕн.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн!»
Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ скадджын кӕна Дӕ Фырт дӕр.
Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый Ӕз сӕххӕст кодтон ӕмӕ Дӕ Уымӕй скадджын кодтон зӕххыл.
Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.
куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.