9 Фӕлӕ Мӕ ном ӕмӕ Мӕ кады сӕраппонд урӕдтон Мӕ маст, хӕцыдтӕн Мӕхиуыл ӕмӕ уӕ нӕ бабын кодтон.
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Фервӕзын мӕ кӕн, ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй мӕ байс! Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.
Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз!
Мысыры зӕххӕй ӕрбахастай сӕнӕфсиры тала, фӕсырдтай адӕмты, сӕ бынаты сын уыцы тала ныссагътай.
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!
Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».
Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.
Мӕхи сӕраппонд, ӕрмӕстдӕр Мӕхи сӕраппонд ирвӕзын кӕнын сымах — Мӕ ном фегад кӕнын нӕ бауадздзынӕн. Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн.
Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал, уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц: „Ма йӕ ацъӕл кӕн, уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“. Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ цагъарты сӕраппонд, се ’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.
О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.
Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.
Фӕлӕ Ӕз Мӕ къух ӕруагътон ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.
Ӕмӕ бамбардзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ хъахбай миты тыххӕй цӕй аккаг стут, афтӕ уын куынӕ бакӕнон, фӕлӕ уын Мӕ номы сӕраппонд хорздзинад куы саразон, уӕд, о Израилы хӕдзар, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».
Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыдоны раз раргом кодтон Мӕхи, Мысыры зӕххӕй сӕ ракӕныны охыл.
Ӕз бахъынцъым кодтон, израилӕгтӕ цы адӕмтӕм бацыдысты, уыдоны раз Мын Мӕ уаз ном кӕй фегад кодтой, уый тыххӕй.
Ханаанӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕ ацы хабар фехъусдзысты ӕмӕ ныл ӕрхъула кӕндзысты, нӕ кой дӕр нын нал ныууадздзысты зӕххыл. Ӕмӕ уӕд Дӕ кадджын ном цӕсты бафтынӕй куыд бахиздзынӕ?»
Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын.