Исайа 48:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Уыцы хабар раджы дӕр ӕмӕ ӕрӕджы дӕр не ’рцыди, фӕлӕ ӕрцӕудзӕни рӕхджы, уымӕ гӕсгӕ йӕ сымах нӕма фехъуыстат ӕмӕ уӕ бон зӕгъын нӕу, нӕхӕдӕг дӕр ӕй зыдтам, зӕгъгӕ. Faic an caibideil |
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».