Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 48:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат, уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой, хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 48:5
10 Iomraidhean Croise  

Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.


Кӕй ис абарӕн Мемӕ? Йӕхи Мын раргом кӕнӕд уый, хъӕрӕй зӕгъӕд, фӕд-фӕдыл цаутӕ радзурӕд: Ӕз рагон адӕмы куы сфӕлдыстон, уӕдӕй нырмӕ цытӕ ӕрцыд ӕмӕ цытӕ ӕрцӕудзӕн фидӕны, зӕгъӕд сӕ.


Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут. Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут — цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ, ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ исты Ӕз нӕ дзырдтон? Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау? Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Рагацау цы дзырдтон, Мӕ дзыхӕй цы рацыди, уый сӕххӕст. Ныр дӕр, цы фӕзӕгъын, уый сӕххӕст вӕййы уайтагъд.


рагзаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд хъусын кодта, афтӕ.


ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы Чи раргом кодта, Уый“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan