Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 48:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ныр уӕ батайын кодтон, фӕлӕ ӕвзисты хуызӕн нӕ — хъизӕмӕртты куынцгомы уӕ сфӕлтӕрдтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 48:10
18 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ уыдон Дӕ адӕм сты, Дӕ исбон; Ды сӕ ракодтай Мысырӕй — згъӕртайынгӕнӕн куынцгомӕй.


Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг, сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы.


Ӕвзистӕн ис ӕрзӕткъахӕн, сыгъзӕринӕн — куынцгом.


Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.


Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.


Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау.


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон?


Сымахӕй фӕхицӕн кӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы фыдгӕнджыты. Ракӕндзынӕн сӕ, ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕй, фӕлӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.


Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау.


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan