4 Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Израилы Стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Сымах сӕраппонд Ӕз Вавилонмӕ арвыстон тыхгӕнӕг ӕмӕ фӕлидзӕг кӕндзынӕн уе ’фхӕрджыты. Удаистӕй халдейӕгтӕ лидздзысты, ныр сӕ цины хъӕртӕ кӕцӕй хъуысынц, уыцы наутыл.
Ӕз Дунедарӕг дӕн, уе Стыр Хуыцау, Израилы Сфӕлдисӕг, уӕ Паддзах!»
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, денджыз Чи сызмӕнты, Чи йӕ сабухын кӕны, Уый. Уӕларвӕфсады Бардарӕг — Мӕ ном.
Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау, ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.
Дунедарӕг Йаковӕн йӕ ахӕстаргъ бафиддзӕн, йӕхицӕй тыхджындӕр чи у, уыдонӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн.
Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.