2 Ӕрмгуыроймӕ ӕрӕвнал ӕмӕ ссын райдай! Дӕ кӕрдӕн сис, дӕ фӕччитыл схӕц, дӕ уӕрджытӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕтты сӕрты хиз!
Авраамы цагъары афарста: «Быдыры махӕрдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрбатыхта.
Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, ныддаста сӕ, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта.
уӕд мӕ бинойнаг ӕндӕрӕн ӕруат кӕнӕд, искӕй хӕзгул суӕд.
ӕмӕ Мысыры бӕстӕйы алы фыццаг зӕнӕг ӕрбамӕлдзӕн — паддзахы бадӕны бадӕг фараоны хистӕр фырт дӕр, ӕрмгуыройӕ хор чи ссы, уыцы цагъар сылгоймаджы хистӕр фырт дӕр ӕмӕ ӕппӕт фосы фыццаг зӕйц дӕр.
Уынгмӕ цы дуӕрттӕ цӕуынц, уыдон ӕхгӕд ӕрцӕудзысты, куыройы фыдтӕн сӕ зилын нал хъуысдзӕн. Ахӕм адӕймаг-иу мӕргъты уастӕй дӕр фехъал уыдзӕн сӕумӕрайсом, фӕлӕ зарӕджы зӕлтӕ нал фехъусдзӕн.
бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се ’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Сионы чызджытӕн сӕ сӕртӕ ныггӕмӕх кӕндзӕн, сӕ бецыктӕ сын адасдзӕн».
Уӕд хӕрздӕфы бӕсты сӕ хай суыдзӕни смаг, роны бӕсты — астӕубос, къӕбӕлдзыджы бӕсты — цӕгӕр сӕр, бӕрӕгбоны дарӕсы бӕсты — сӕхъис; рӕсугъддзинады бӕсты — худинаг.
Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.
хинымӕр фӕрсдзынӕ, ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕвзарын, зӕгъгӕ. Ӕнӕнымӕц тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, ӕмӕ дын ныр сфӕлдӕхтой дӕ фӕччи, фӕхынджылӕг дӕ кодтой.
Дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгоммӕ сфӕлдахдзынӕн, цӕмӕй фӕхудинаг уай!
Цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр, куыройы хъыррыст нал фехъусдзысты, цырагъы рухс нал фендзысты.
Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.
Нӕ тырынтӕ куыройы фыдтӕ зилынц, фӕкӕлынц сугты бын нӕ лӕппутӕ!
Науӕд ӕй Ӕз, йӕ райгуырды бон куыд уыди, афтӕ мадард бӕгънӕг скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, доны ’ртах ӕм нал ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дойныйӕ мӕлдзӕни.
Шафиры цӕрджытӕ! Ӕгадӕй ӕмӕ бӕгънӕгӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕм ацӕут! Цаананы цӕрӕг нӕ алидздзӕнис; Бет-Ха-Эцелӕй хъарӕг хъуысы, фӕлӕ ӕххуыс нӕ фендзысты.
Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
Дыууӕ сылгоймаджы иумӕ хор сдзысты — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни.
Бӕгъӕмсарӕй цы сылгоймаг кувы кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕны, уый дӕр йӕхи ӕмӕ йӕ хицауы ӕгад кӕны — ахӕм сылгоймаг дастсӕрӕй уӕлдай нӕу.
Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.