Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 45:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Нӕ Мӕ зыдтай, фӕлӕ дӕм Ӕз Мӕ цагъартӕ ӕмӕ Ме ’взӕрстыты — Йаковы байзӕддаджы, Израилы адӕмы сӕраппонд — фӕсидтӕн дӕ номӕй ӕмӕ дӕ скадджын кодтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 45:4
18 Iomraidhean Croise  

Нӕ фыдӕлтау мах дӕр фӕтӕригъӕдджын стӕм, фӕцалх стӕм ӕнаккаг митӕ, фыдракӕндтӕ аразыныл.


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Сымах сӕраппонд Ӕз Вавилонмӕ арвыстон тыхгӕнӕг ӕмӕ фӕлидзӕг кӕндзынӕн уе ’фхӕрджыты. Удаистӕй халдейӕгтӕ лидздзысты, ныр сӕ цины хъӕртӕ кӕцӕй хъуысынц, уыцы наутыл.


Ныр Мӕм ӕрбайхъусут, Мӕ цагъартӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Израилы адӕм!


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн.


Ӕмӕ Бардарӕг уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр кодтаид, уӕд удӕгасӕй ничиуал баззадаид. Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕмы — Йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕкъаддӕр кодта.


Ӕз зылдтӕн сахарыл ӕмӕ уын федтон уӕ кувӕндӕттӕ. Нывондхӕссӕнтӕй иуыл фыст уыдис афтӕ: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Уӕдӕ, нӕ Йӕ зонут, афтӕмӕй Кӕмӕ кувут, ӕз уын Уый тыххӕй дзурын.


Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис? Израил цӕмӕ тырныдта, уый нӕ райста. Ӕвзӕрстытӕ йӕ райстой, иннӕтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты,


Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттӕгтау чъизи монцты коммӕ ма кӕсут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan