Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 45:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн дӕ разӕй ӕмӕ дын дӕ развӕндагыл зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн алы хох, ныссӕтдзынӕн алы ӕрхуы дуар, ныппырх сын кӕндзынӕн се ’фсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 45:2
17 Iomraidhean Croise  

«Уӕ тырыса сисут гӕмӕх хохы сӕрмӕ, хъӕр сӕм кӕнут, уӕ къухӕй сын ацамонут, уадз ӕмӕ паддзӕхты кулдуарыл бахизой.


Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.


Сахар ныззаууат, йӕ кулдуар рафӕлдӕхт.


Алы дӕлвӕз дӕр йӕхиуыл схӕцӕд, алы хох, алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт, къуыппытӕ, дзыхъхъытӕ слӕгъз уӕнт.


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Ӕз басидтӕн Кирмӕ, сразӕнгард ӕй кодтон Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн. Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар, уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы, мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ӕз Мӕхӕдӕг рагацау загътон уый тыххӕй, фӕсидтӕн ӕм ӕмӕ йӕ скӕндзынӕн уӕлахиздзау.


«Цӕугӕ ӕмӕ Хананиайӕн Мӕ номӕй афтӕ зӕгъ: „Ды асастай хъӕдын ӕфсондз, фӕлӕ йӕ бӕсты Ӕз ӕфсӕйнаг ӕфсондз сараздзынӕн.


Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн».


ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».


Ӕз федтон, фыр йӕ сыкъатӕй ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссарӕрдӕм куыд лӕбурдта, уый. Иу сырды бон дӕр йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ уыд, цыдӕриддӕр ӕй фӕндыди, уыдӕттӕ кодта, ӕмӕ дзы фервӕзыны амал нал уыди. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта.


Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.


Алы дӕлвӕз дӕр уӕлӕмӕ схӕцӕд йӕхиуыл, алы хох ӕмӕ алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ сӕмлӕгъз уӕнт.


Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan