Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 45:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 45:1
31 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ын загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ Дамаскы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд-иу уым Хазаелы байсӕрд ӕмӕ йӕ скӕн Сирийы паддзах.


Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.


Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.


Ма ферох кӕн, ам Де знӕгтӕн сӕ хъӕр кӕй хъуысы ӕмӕ ӕдзух кӕй змӕнтынц Дӕ ныхмӕ.


«Уӕ тырыса сисут гӕмӕх хохы сӕрмӕ, хъӕр сӕм кӕнут, уӕ къухӕй сын ацамонут, уадз ӕмӕ паддзӕхты кулдуарыл бахизой.


Ӕз бардзырд радтон Ме ’взӕрстытӕн, фӕсидтӕн Ме ’хсарджынтӕм, Мӕ кад стыр цины хос кӕмӕн у, уыдонмӕ, цӕмӕй Мын сӕххӕст кӕной Мӕ тӕрхон».


Уымӕн ӕмӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау. Уӕ рахиз къухыл уын хӕцын ӕмӕ уын зӕгъын, ма тӕрсут, Ӕз уе ’ххуысгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ.


Скӕсӕны Чи растын кодта рӕстӕвзары, Чи йӕ рацӕуын кодта Йӕ фӕдыл? Йӕ дӕлбар ын бакодта адӕмты, йӕ къӕхты бын — паддзӕхты. Уый сӕ йӕ кардӕй фӕнык фестын кодта, йӕ фатӕй сӕ ныззыгуым кодта.


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.


Ӕз Мӕхӕдӕг рагацау загътон уый тыххӕй, фӕсидтӕн ӕм ӕмӕ йӕ скӕндзынӕн уӕлахиздзау.


Ныр уын Ӕз уӕ зӕххытӕ иууылдӕр дӕттын Мӕ цагъары, вавилойнаг паддзах Навуходоносоры, къухмӕ. Суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр йӕ дӕлбар бакӕндзынӕн.


Зӕгъ сын: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз арвитдзынӕн Мӕ цагъармӕ, вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ, ӕмӕ, цы дуртӕ бамбӕхстон, уыдоныл ын йӕ паддзахы бадӕн ӕрӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ уый йӕ паддзахы цатыр айтындздзӕни сӕ сӕрмӕ.


Цӕгатаг адӕм йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзысты. Нал дзы адӕймаг баззайдзӕн, нал сырды мыггаг, ацӕудзысты ӕмӕ рахау-бахау кӕндзысты.


Халдейӕгтӕ, Вавилоны цӕрджытӕ, сӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ сӕ куырыхонты ныхмӕ кард ист ӕрцыд, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн».


Уым цы бацархайдта, уый сӕрмӕ йын Ӕз Мысыры зӕхх хӕрзиуӕгӕн дӕттын, уымӕн ӕмӕ уыдон балӕггад кодтой Мӕнӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.


Дыккаг сырд — арсы хуызӕн, фӕрсырдыгӕй лӕууы ӕмӕ йӕ комӕй, дӕндӕгты ӕхсӕнӕй, зыны ӕртӕ ссыры. Сырдӕн загъдӕуыд: „Сыст ӕмӕ дӕхи дзидзайӕ бафсад!“


Кӕсын, ӕмӕ доны был лӕууы фыр. Йӕ сыкъатӕй иу разад фӕстӕдӕр, фӕлӕ уӕддӕр иннӕмӕй фестырдӕр ис.


Ӕз федтон, фыр йӕ сыкъатӕй ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссарӕрдӕм куыд лӕбурдта, уый. Иу сырды бон дӕр йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ уыд, цыдӕриддӕр ӕй фӕндыди, уыдӕттӕ кодта, ӕмӕ дзы фервӕзыны амал нал уыди. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта.


Цӕугӕдоны ауазӕнтӕ ратыдтой, знӕгтӕ дӕрӕн кӕнынц паддзахы галуан.


Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan