Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 44:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Кӕрдӕджы ӕхсӕнты сӕ сӕртӕ сдардзысты донбыл зайӕг гӕды бӕлӕстау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 44:4
13 Iomraidhean Croise  

Уынгӕг хъӕлӕсӕй дӕм сдзыназдзӕн, лӕгъстӕ кӕнынмӕ дын фӕуыдзӕн?


Дӕ цӕстӕй фендзынӕ дӕ бирӕ цоты, Быдыры кӕрдӕгау ӕнӕнымӕц уыдзысты дӕ байзӕддаг.


Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


Даргъ-уӕрӕх ацыдаид уӕ мыггаг, денджызы змисау ныббирӕ уыдаид уӕ байзӕддаг ӕмӕ сӕфты къахыл нӕ ныллӕууыдаиккой, никуы фесӕфтаид Мӕ разы сӕ ном».


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.


Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.


Уый фӕстӕ уыцы зӕххы мӕрӕй систа нӕмыг ӕмӕ йӕ ныссагъта бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, донхӕрис садзӕгау.


Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.


Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Бардарӕгыл ӕууӕндджытӕ — сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan