Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 44:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый: ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Йешурун!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 44:2
29 Iomraidhean Croise  

Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Къӕвдайау, тыгъдызӕйау ӕрцӕуӕд зӕхмӕ;


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».


Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Мӕ ном чидӕриддӕр хӕссы, уыдоны, Мӕ кадӕн кӕй сфӕлдыстон, кӕй рантысын кодтон, фӕлгонц кӕмӕн радтон, ӕппӕт уыдоны».


Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ зӕрдыл ӕй бадарут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы адӕм, Мӕ цагъартӕ кӕй стут, уый уӕ рох ма уӕд. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, Мӕ цагъартӕ стут. Мӕнӕй рох никуы уыдзынӕ, Израил.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг: «Мӕ адӕм цы бауыдзысты, уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут ӕмӕ Мын цы амонут, Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый?


Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.


Ныр мын, мӕ мады гуыбыны мӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ мӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг Чи скодта, уыцы Дунедарӕг фӕдзӕхсы, цӕмӕй Йӕм раздахон Йаковы байзӕддаджы, ӕрбакӕнон Ӕм Израилы адӕмы. Ӕз кадджын дӕн Дунедарӕджы цӕсты. Мӕ Хуыцау мӕ скодта хъомысджын.


«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».


Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.


Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.


Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдонмӕ фӕсидти, сраст кодта, кӕмӕ фӕсидти, уыдоны ӕмӕ, кӕй сраст кодта, уыдоны схайджын кодта Йӕ кадӕй.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.


Уыди уый паддзах Йешуруны, Израилы хӕдзарвӕндӕгтимӕ-иу адӕмы фӕтӕгтӕ куы ’рбамбырд сты, уӕд.


Хуыцау сымах кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ уӕ кӕй уарзы, уый махӕн зындгонд у, не ’фсымӕртӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan