1 Ныр Мӕм ӕрбайхъусут, Мӕ цагъартӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Израилы адӕм!
Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.
Нӕ фыдӕлтау мах дӕр фӕтӕригъӕдджын стӕм, фӕцалх стӕм ӕнаккаг митӕ, фыдракӕндтӕ аразыныл.
Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.
«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!
Фӕсидтӕн уӕм ӕмӕ уӕ дунейы алы кӕрӕттӕй ӕрӕмбырд кодтон, загътон уын, Мӕ цагъартӕ стут, зӕгъгӕ. Ӕз уӕ равзӕрстон ӕмӕ уыл Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.
Уыдӕттӕм уӕ йӕ хъус куыд ничи ӕрдардта, йӕ фидӕныл уӕ куыд ничи ахъуыды кодта?
Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!
Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ зӕрдыл ӕй бадарут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы адӕм, Мӕ цагъартӕ кӕй стут, уый уӕ рох ма уӕд. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, Мӕ цагъартӕ стут. Мӕнӕй рох никуы уыдзынӕ, Израил.
Нӕ Мӕ зыдтай, фӕлӕ дӕм Ӕз Мӕ цагъартӕ ӕмӕ Ме ’взӕрстыты — Йаковы байзӕддаджы, Израилы адӕмы сӕраппонд — фӕсидтӕн дӕ номӕй ӕмӕ дӕ скадджын кодтон.
Ӕрбайхъусут Мӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн, уыцы Израил! Уый Ӕз дӕн! Ӕз — Фыццаг, ӕмӕ Ӕз — Фӕстаг!
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.
Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.
Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!