Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 43:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт адӕмтӕ, ӕртыгуыр уӕнт дзыллӕтӕ! Фӕлӕ уыцы хъуыддаг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый сӕ рагацау чи загъта? Ӕрбакӕнӕнт сӕхицӕн ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕхи сраст кӕнӕнт, цӕмӕй хъусджытӕ зӕгъой, раст сты, зӕгъгӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 43:9
17 Iomraidhean Croise  

Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Ӕввахс ӕрбалӕуут, алы адӕмтӕ, алы знӕмтӕ! Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут! Ӕрбайхъусӕд ӕгас дуне, ӕппӕт зӕхх йӕ цӕрджытимӕ!


«Ӕдзӕмӕй Мӕм хъусут, денджызы сакъадӕхтӕ ӕмӕ денджызгӕрон зӕххытӕ! Сӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнӕнт адӕмтӕ, ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт, тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм иумӕ, зӕгъгӕ!


Цӕй ӕмӕ иумӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм, ӕмӕ уӕхи сраст кӕнут уӕ раныхасӕй!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.


Рагацау цы дзырдтон, Мӕ дзыхӕй цы рацыди, уый сӕххӕст. Ныр дӕр, цы фӕзӕгъын, уый сӕххӕст вӕййы уайтагъд.


Сӕ алфамбылай цӕрджытӕ, фӕтагъд кӕнут, иууылдӕр ӕрбамбырд ут! Дунедарӕг, Дӕ хӕстонты ардӕм ракӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan