Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 43:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 43:1
49 Iomraidhean Croise  

Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг ӕнӕуынон у мӕнӕн, ӕмгӕрон ӕм не ’рцӕудзынӕн.


Хуыцауы фидыд кӕй зӕрдыл лӕууы, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи нӕ рох кӕны ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн сӕ байзӕддаг хайджын уыдзысты Йӕ хорзӕхӕй.


Уарзгӕйӕ хоныс Ды, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй Дӕ уаз цӕрӕнмӕ.


Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ. Ӕз дын зонын дӕ ном».


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.


Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».


Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Мӕ ном чидӕриддӕр хӕссы, уыдоны, Мӕ кадӕн кӕй сфӕлдыстон, кӕй рантысын кодтон, фӕлгонц кӕмӕн радтон, ӕппӕт уыдоны».


Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый: ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Йешурун!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг: «Мӕ адӕм цы бауыдзысты, уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут ӕмӕ Мын цы амонут, Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый?


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Израилы Уаз Хуыцау: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ размӕ хонын уӕ царды фӕндагыл, ахуыр уӕ кӕнын, ахъаз уын цы фӕуыдзӕн, ууыл.


Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»


Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!


Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ, Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ! Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, ссӕрибар кодта Йерусалим.


Уыцы адӕмы схондзысты, Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы уаз адӕм. Дӕу та схондзысты, Дунедарӕг дзӕгъӕл кӕй нӕ ныууагъта, уыцы бӕллиццаг сахар.


Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


Дунедарӕг мӕм дардӕй фӕзынд ӕмӕ загъта: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон ӕмӕ дӕ скодтон Мӕ хорзӕхы аккаг.


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


афтӕ Ме ’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».


Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.


О, дзуапп куы раттис ды мӕнӕн, куы зӕгъис: «Ма тӕрс!»


Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз сӕ уыцы бон скӕндзынӕн мӕ зынаргъ исбон ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕндзынӕн, фыд, чи йын лӕггад кӕны, йӕ уыцы фыртӕн куыд батӕригъӕд кӕны, афтӕ.


Бирӕ бонты дӕргъы нӕдӕр хур, нӕдӕр стъалытӕ кӕй нӕ зындысты, уадӕн дӕр ӕрӕнцайӕн кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ фервӕзыныл нӕ зӕрдӕ нал дардтам.


Уӕдӕ ма тӕрсут, хорз адӕм, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын: куыд мын загъдӕуыд, афтӕ уыдзӕн.


Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы исбон — Йӕ адӕм, Йаков Дунедарӕджы у.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan