9 Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис. Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас, зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ, цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».
уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса.
Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.
Рагацау цы дзырдтон, Мӕ дзыхӕй цы рацыди, уый сӕххӕст. Ныр дӕр, цы фӕзӕгъын, уый сӕххӕст вӕййы уайтагъд.
Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат, уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой, хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон.
Мӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕн уӕхӕдӕг — ӕвдисӕн, уӕдӕ куыннӕ сӕттут? Ныр та Ӕз рагацау зӕгъын, сымахӕй ӕмбӕхст чи у, чи нӕма раргом, уыцы фидӕны тыххӕй.
Уый тыххӕй уын Ӕз зӕгъын рагацау, цалынмӕ нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ, цӕмӕй сымах, куы ’рцӕуа, уӕд баууӕндат: УЫЙ ӔЗ ДӔН.
ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы Чи раргом кодта, Уый“.
Дунедарӕг Израилы хӕдзарӕн цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ баззад — алцыдӕр дзы сӕххӕст.