Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 42:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 42:5
36 Iomraidhean Croise  

Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.


Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.


Алы цӕрӕг уд дӕр, алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр Йӕ къухы ис.


Цалынмӕ улӕфын, цалынмӕ мӕ мидӕг ис царды комулӕфт — Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уый,


Мӕн сфӕлдыста Хуыцауы Уд, царды комулӕфт мӕ бауагъта Ӕппӕтхъомыс.


Уый Йӕ зӕрдӕ куы сӕхгӕнид, Йӕ комулӕфт, Йӕ царды комулӕфт фӕстӕмӕ куы райсид,


Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Йерусалим, ме стырдӕр цин ды куынӕ уай, уӕд ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕсӕд!


Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.


Хӕхтӕ тайынц мыдадзау Дунедарӕджы, зӕххы цъары Бардарӕджы раз.


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды дӕ дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау. Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.


Денджыз армыдзаггай равдӕлон кӕнын кӕй бон у? Кӕй бон у уылынгӕй уӕлӕрвтӕ абарын? Зӕххы сыджыт чи бацӕуын кӕндзӕни къӕртайы мидӕг? Хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ чи сбардзӕни тӕрӕзтыл?


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.


Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.


Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.


Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.


Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!


Паддзах Цедекиа сусӕгӕй расомы кодта Йеремиайӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, цард нын Чи радта, Уымӕй! Нӕ дӕ амарын кӕндзынӕн ӕмӕ, дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм дӕр дӕ нӕ ратдзынӕн».


Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.


Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.


Йӕ галуантӕ сарӕзта уӕлӕрвты, Йе ’рдынцар ӕрфидар кодта зӕххы сӕрмӕ. Уый фӕсиды денджызы дӕттӕм ӕмӕ сӕ акалы зӕххы цъарыл, Дунедарӕг — Йӕ ном.


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг — къухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры.


Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй адӕймаджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, царды комулӕфт ӕмӕ алцыдӕр Йӕхӕдӕг дӕтты.


Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan