12 Кад скӕнӕнт Дунедарӕгӕн, стауӕнт ӕй алы бӕстӕты!
О Хуыцау, батӕригъӕд нын кӕн ӕмӕ нын арфӕ ракӕн. Дӕ рухс цӕстӕй нӕм ракӕс,
Псалом. Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг, уымӕн ӕмӕ Уый диссӕгтӕ сарӕзта. Йӕ рахиз къухӕй, Йӕ уаз къухӕй Уый райста уӕлахиз!
Уыцы бон зӕгъдзыстут сымах: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, арут Ын Йӕ ном! Йӕ хъуыддӕгтӕ Йын хъусын кӕнут адӕмтӕн, Йе стыр ном Ын стаут.
Не сӕдых уыдзӕни, нӕ бастайдзӕни, цалынмӕ зӕххыл раст тӕрхон ӕрфидар кӕна, уӕдмӕ. Йӕ амындтытӕм Ын ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты денджызгӕрон зӕххытӕ».
Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».
Уӕдӕ саразут сыгъзӕринӕй уӕ сынчъытӕ ӕмӕ, уӕ зӕхх уын цы мыстытӕ гӕныстон кӕнынц, уыдоны фӕлгонцтӕ, ӕмӕ сӕ Израилы Хуыцауӕн снывонд кӕнут. Чи зоны, ӕмӕ уын уӕд уӕхи дӕр, уӕ хуыцӕутты дӕр ӕмӕ уӕ зӕхх дӕр мауал ӕфхӕра.