Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 42:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дунедарӕджы кадӕн ныззарут ног зарӕг! Стаут Ӕй, денджыздзаутӕ, денджызы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ, зӕххы алы кӕрӕтты!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 42:10
32 Iomraidhean Croise  

Ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон; райгонд уӕнт фӕзтӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон.


Алы цӕрӕг уд дӕр Дунедарӕджы стауӕд! Алелуйа!


Мӕ уд ӕппӕлдзӕни Дунедарӕгӕй — уый сӕрныллӕгтӕ фехъусдзысты ӕмӕ ныццин кӕндзысты!


Дунедарӕг ӕй бахъахъхъӕндзӕн, мӕлӕтӕй йӕ бахиздзӕн, цардамонд ын схай кӕндзӕн, знаджы къухтӕм ӕй нӕ ратдзӕн.


Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Рухс сӕрттывта рӕстгӕнӕгӕн, сыгъдӕг зӕрдӕты цин ӕрцарди.


Псалом. Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг, уымӕн ӕмӕ Уый диссӕгтӕ сарӕзта. Йӕ рахиз къухӕй, Йӕ уаз къухӕй Уый райста уӕлахиз!


Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг сабаты бонӕн раарфӕ кодта, скодта йӕ уаз.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Хуыцауы кадӕн зарут — Уый стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уадз айхъуса ӕгас зӕххыл сӕ кой.


Не сӕдых уыдзӕни, нӕ бастайдзӕни, цалынмӕ зӕххыл раст тӕрхон ӕрфидар кӕна, уӕдмӕ. Йӕ амындтытӕм Ын ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты денджызгӕрон зӕххытӕ».


Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»


Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.


Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».


Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис. Ме ’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны. Мӕ хъомыс адӕмтӕн уыдзӕни фидауынгӕнӕг. Денджызгӕрон сахартӕ Мыл сӕхи бафӕдзӕхсдзысты, Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын.


Теуаты чырӕты бын фӕуыдзынӕ. Ӕрбатӕрдзысты дын сӕ Мидиан ӕмӕ Ефӕйы бӕстӕтӕй. Савайы бӕстӕй дын ӕрбаласдзысты сыгъзӕрин ӕмӕ буд ӕмӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн.


Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се ’нхъӕлцау, ӕмӕ дын Таршишы наутӕ дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты. Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин, цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн — дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта.


Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».


Мӕ цагъартӕ цинӕй райдзысты, зардзысты сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн, сымах та хъыгзӕрдӕйӕ ӕрдиаг кӕндзыстут, дзыназдзыстут ныфссастӕй.


Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.


Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди.


Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan