6 Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц, фидар лӕуу, зӕгъгӕ.
Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.
Ӕрмдӕсныйы арӕзт джиппыуагъд хуыцаугонд? Зӕрингуырд ӕй скӕны сыгъзӕринӕй, сфӕлынды йӕ ӕвзист рӕхыстӕй.
Денджызгӕрон сахарты цӕрджытыл, ацы цаутӕ фенгӕйӕ, ризӕг бахӕцыд, зӕххы цъары алы кӕрӕтты дӕр адӕм базыр-зыр кодтой. Ӕрбангом сты, иумӕ ӕрбамбырд сты.
Ӕрмдӕсны разӕнгард кӕны згъӕртайынгӕнӕджы, хъӕсдарӕгыл згъӕр сыф тъӕпӕнгӕнӕджы. Зӕгъы йын, хорз у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ зӕгӕлтӕй ныффидар кӕны, куыннӕ фенкъуыса, афтӕ.
Дӕсны куырд ӕфсӕйнаджы мур райсы, зынджытыл ӕй ӕртайын кӕны ӕмӕ йӕ дзӕбугӕй хойын райдайы. Йе ’ппӕт хъарутӕ йыл бахардз кӕны, бафӕллайы, бастайы, къӕбӕр ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕвӕййы, цалынмӕ уыцы ӕфсӕйнаджы мурӕй фӕрӕт саразы, уӕдмӕ.