12 Уӕ фыдгулты уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр нал фендзыстут. Уӕ ныхмӕ чи хӕцы, уыдон зыбыты ницӕмӕ ӕрцӕудзысты.
Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.
Фӕлӕ ӕххормаг адӕймаг йӕ фыны йӕхи хӕргӕйӕ куыд фӕуыны, куы райхъал вӕййы, уӕд та сыдӕй куыд фӕмӕлы, дойныйӕ чи бастайы, уый йӕ фыны дон куыд фӕнуазы, куы райхъал вӕййы, уӕд та дойныйӕ куыд фӕцӕймӕлы, уыйау уыдзӕни сӕ хъысмӕт, Сионы хохы ныхмӕ чи схӕца, уыцы адӕмтӕн дӕр».
Иу дӕр нал баззайдзӕн Едомы уӕздӕттӕй, йе ’лдӕрттӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.
Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.
Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.