11 Лӕбургӕ уӕм чи кӕны — иууылдӕр худинаг ӕмӕ аллайаг фӕуыдзысты. Уемӕ чи быцӕу кӕны — заууатмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ бабын уыдзысты.
Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.
Дунедарӕг ӕмбисӕхсӕв ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: цагъды фесты, паддзахы бадӕны чи бады, уыцы фараоны хистӕр фырт дӕр, ахӕстоны чи бады, уыцы уацайраджы хистӕр фырт дӕр, фосы фыццаг нӕл зӕйц дӕр.
Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг.
Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.
Фӕлӕ дӕ бирӕ фыдгултӕ суыдзысты зӕххы рыгау, ӕгъатыр ӕрдонгтӕ — дымгӕмӕ цы зыгуым ныддардтой, уыйау. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕнис ӕваст, цӕстыфӕныкъуылдмӕ.
Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.
Фӕлӕ ӕххормаг адӕймаг йӕ фыны йӕхи хӕргӕйӕ куыд фӕуыны, куы райхъал вӕййы, уӕд та сыдӕй куыд фӕмӕлы, дойныйӕ чи бастайы, уый йӕ фыны дон куыд фӕнуазы, куы райхъал вӕййы, уӕд та дойныйӕ куыд фӕцӕймӕлы, уыйау уыдзӕни сӕ хъысмӕт, Сионы хохы ныхмӕ чи схӕца, уыцы адӕмтӕн дӕр».
Иу дӕр нал баззайдзӕн Едомы уӕздӕттӕй, йе ’лдӕрттӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.
Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы — ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг дӕр ницы стут, ӕмӕ уӕ митӕ дӕр ницы сты. Чи уӕ нымайы, уый та ӕлгъаг у.
Афтӕмӕй, сӕхӕдӕг дӕр — ницы, сӕ митӕ дӕр — ницӕйаг; сӕ гуымирытӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, ницы сты.
Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.
Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.
Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Бабырсинаг-иу дӕм чи уа, уымӕн Ӕз фӕндаг нал ратдзынӕн, ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг бабын уыдзӕн.
Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Чи Мӕм нӕ байхъуса, уыцы адӕмӕн та сӕ мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн ӕмӕ фесафдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Израил Дунедарӕгӕн Йӕ уаз хай, Йӕ хоры сӕр уыди! Чи-иу ӕм фӕныхылдта, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ касти тӕрхон, фыд азар-иу сӕ баййӕфта», — зӕгъы Дунедарӕг.
Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.
Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Ракодтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм ныххатыдысты, цӕмӕй сахарӕй ацӕуой.
Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.