Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 41:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Ӕдзӕмӕй Мӕм хъусут, денджызы сакъадӕхтӕ ӕмӕ денджызгӕрон зӕххытӕ! Сӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнӕнт адӕмтӕ, ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт, тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм иумӕ, зӕгъгӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 41:1
22 Iomraidhean Croise  

Дӕ астӕу ӕрбабӕтт лӕгау, дзуапп дӕттынмӕ ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын ды зӕгъ:


Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.


Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Ӕввахс ӕрбалӕуут, алы адӕмтӕ, алы знӕмтӕ! Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут! Ӕрбайхъусӕд ӕгас дуне, ӕппӕт зӕхх йӕ цӕрджытимӕ!


Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.


Денджызгӕрон сахарты цӕрджытыл, ацы цаутӕ фенгӕйӕ, ризӕг бахӕцыд, зӕххы цъары алы кӕрӕтты дӕр адӕм базыр-зыр кодтой. Ӕрбангом сты, иумӕ ӕрбамбырд сты.


Цӕй ӕмӕ иумӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм, ӕмӕ уӕхи сраст кӕнут уӕ раныхасӕй!


Иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт адӕмтӕ, ӕртыгуыр уӕнт дзыллӕтӕ! Фӕлӕ уыцы хъуыддаг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый сӕ рагацау чи загъта? Ӕрбакӕнӕнт сӕхицӕн ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕхи сраст кӕнӕнт, цӕмӕй хъусджытӕ зӕгъой, раст сты, зӕгъгӕ!


Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.


Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.


Ӕрӕввахс ис мӕ Фарсхӕцӕг, мӕ раст зӕрдӕйы Ӕвдисӕн. Чи бахӕсдзӕн йӕ ныфс мӕныл дау кӕнынмӕ? Чи ӕрлӕудзӕни мемӕ тӕрхоны раз? Рацӕуӕд-ма!


Дунедарӕг та цӕры Йӕ уаз Кувӕндоны. Ӕгас зӕхх Йӕ разы ныхъхъус уӕд!


Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan