Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 40:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд. О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 40:7
15 Iomraidhean Croise  

Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.


уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц, Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц.


Ӕфсӕн лӕдзӕг хъӕмпыхалыл нымайы, арцы ӕхситт ӕм худӕгау кӕсы.


Ирвӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй, кады худау дӕуӕн — Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.


адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн, стӕй сой, йӕ цӕсгом цӕхӕр кӕмӕй калы; адӕймагӕн хъару дӕттӕг дзул.


Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ, ливайнаг кедртӕ — Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыдон.


Ӕхсӕв дын тас нӕ уыдзӕни фыдмонтӕй, боныгон — тӕхгӕ фатӕй,


талынджы хъуызӕг емынӕйӕ ӕмӕ ӕмбисбон сафӕг рынӕй.


Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!


Сӕ цӕрджытӕн сӕ уд сӕ хъуырмӕ сси, ризӕг сыл бахӕцыд, худинаджы гакк сыл сбадти. Систы сыгъд быдыры кӕрдӕгау — куыддӕр схӕцы, афтӕ бахус вӕййы. Кӕнӕ уӕлхӕдзӕртты тыд мӕнӕуау — бахус вӕййы, ӕфсир нӕма рафтауы, афтӕмӕй.


Куыддӕр сӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ ныр нӕ къӕхтыл фидар слӕууыдыстӕм, зӕгъгӕ, афтӕ сыл Дунедарӕг дымгӕ радымын кӕндзӕн, ӕмӕ бахус уыдзысты. Уаддымгӕ сӕ ахӕсдзӕни зыгуымау.


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн.


Хъӕздыг та — дӕлдзиныггонд кӕй ӕрцыди, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад быдираг дидинӕгау фӕцыдӕр уыдзӕн.


Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan