Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 40:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 40:2
54 Iomraidhean Croise  

Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди.


Езекиа левиттӕн се ’ппӕтӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, Дунедарӕгӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уыдон къуырийы дӕргъы кусӕртты дзидзайӕ хордтой, фидыды нывӕндтӕ хастой ӕмӕ кад кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.


Цин кӕнут Дунедарӕгыл, рӕстудтӕ: Дунедарӕджы стауын фидауы рӕстудыл.


О Дунедарӕг, батӕригъӕд мын кӕн, бон-сауизӕрмӕ Дӕм дзыназын!


Фӕлӕ ацы хъуыддаг хурыскасты фӕстӕ куы ’рцӕуа, уӕд марӕг азымджын у. Давӕг хъуамӕ бафида, фӕлӕ йӕм куы ницы уа, уӕд, цы адавта, уый ныхмӕ уӕйгонд ӕрцӕуӕд йӕхӕдӕг.


кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе ’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй,


Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.


Бӕстӕйы цӕрджытӕй ничиуал рахъаст кӕндзӕн, ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.


Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.


Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.


Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ, ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ. Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».


Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Уӕззау цӕфтӕ йыл ӕруади нӕ фыдракӕндты тыххӕй, сау хъизӕмар бавзӕрста нӕ азымы тыххӕй. Нӕ фарны сӕраппонд баййӕфта ӕфхӕрд, фӕлӕ мах Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм.


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Бабырсинаг-иу дӕм чи уа, уымӕн Ӕз фӕндаг нал ратдзынӕн, ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг бабын уыдзӕн.


Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».


Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.


Ӕз уӕ барӕвдаудзынӕн мадау, ӕмӕ Йерусалимы фарнӕй уыдзыстут фӕрнджын.


Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Ӕз зонын, цы уын снысан кодтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ фыдбылызы нӕ, фӕлӕ уӕ фарны сӕраппонд, цӕмӕй уӕ схайджын кӕнон фидӕн ӕмӕ зӕрдӕдарӕнӕй.


«Сраст нӕ кодта Дунедарӕг! Цомут ӕмӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъуыддӕгтӕ Сионы фехъусын кӕнӕм».


Сионы Чызг! Кӕрон ӕрцӕудзӕни де ’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн! Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ! Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!


Уӕд дӕм Мӕ маст ссӕудзӕни. Мӕ зӕрдӕ дӕм нал ӕхсайдзӕн, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзынӕн, нал мӕсты кӕндзынӕн.


Куырыхонтӕй дӕр бирӕтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты.


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты.


Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.


Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — ды Мӕн схондзынӕ дӕ сӕрыхицау, мӕ Хицау, зӕгъгӕ, нал дзурдзынӕ Мӕнмӕ.


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Дунедарӕг Йӕ тӕрхон аивта, дӕ фыдгулты дын фӕсырдта! Дунедарӕг, Израилы Паддзах, демӕ ис! Нырӕй фӕстӕмӕ дын фыдбылызӕй тас нал у!


Дунедарӕг, мемӕ цы зӕд дзырдта, уымӕн хӕлар ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй дзуапп радта.


ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.


Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн.


Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын.


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan