8 Езекиа загъта: «Дунедарӕджы дзырд рӕстдзӕвин у». Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!»
Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».
Уӕд Езекиа ӕрфӕсмон кодта, йӕхиуыл кӕй фервӕссыди, ууыл, Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ сӕ, цалынмӕ Езекиа ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕг Йӕ азары хай нал бакодта.
Ӕмӕ ды дӕхи цӕстӕй нӕ фендзынӕ, Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты цы бӕллӕхы амӕттаг бакӕндзынӕн, уый. Дӕ царды кӕрон дӕ Ӕз фарнимӕ дӕ фыдӕлты размӕ бакӕндзынӕн“». Паддзахыл уыцы дзуапп куы сӕмбӕлын кодтой,
ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»
Мӕ Хуыцау! Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, Де ’Гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».
«Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —
Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй, уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ;
— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.
Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Самуел ын ӕппӕт дӕр радзырдта, ницы дзы бамбӕхста. Уӕд Елиа загъта: «Уый Дунедарӕг у, ӕмӕ Йӕ зӕрды цы ис, уый ӕххӕст кӕны».