Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 39:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 39:7
10 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ уыцы заман Вавилоны паддзах Навуходоносоры ӕфсӕдтӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодтой,


Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ.


Уый фӕстӕ Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йыл паддзах хъадамантӕ бакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акӕна.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan